наркотики осет

Аватар автора
IRYSTONTV
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ рабæрæг кодтой, пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм хос «Прегабалин», зæгъгæ, чи парахат кодта, уыцы фыдгæнджыты къорд. Мидхъуыддæгты министрады наркотикты ныхмæ тох кæныны управленийы кусджытæ райстой оперативон хъусынгæнинаг, Дзæуджыхъæуы, пайдакæныны бар кæмæй нæй, ахæм хос кæй парахат кæнынц, уый тыххæй. 5 бынæттон цæрæджы разындысты къæрцхъус æмæ æрхъуыдыджын. Басгæрсты рæстæг знаггадгæнджытæ сæ аххосыл басастысты. Пъæлицæйæгтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй хос фæнд кодтой республикæйы апарахт кæнын. Ныртæккæ ацы цауты фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддæгтæ. Гæнæн ис, æмæ фыдгæнджытæ ахæстоны фæбадой 8 азы онг. _________________________ Мы рядом в:

0/0


0/0

0/0

0/0