Сергей Меняйлойы разамындæй уыд коррупцийы ныхмæ архайды фарстаты фæдыл республикон къамисы æмбырд

Аватар автора
IRYSTONTV
Сергей Меняйлойы разамындæй уыд коррупцийы ныхмæ архайды фарстаты фæдыл республикон къамисы æмбырд. Фембæлды архайджытæ хатдзæгтæ скодтой къазнайы цæстдардæй республикон бюджеты хæрдзтæн, аргъ скодтой кадрты службæйы архайдæн 2025-æм азы паддзахадон оргæнты коррупцион барадхæлдтыты профилактикæйы фæдыл, байхъуыстой цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады коррупцийы ныхмæ закъонæвæрд æххæст кæныны фæдыл докладмæ. 2025-æм азы къазнайы цæстдард уыд 160 паддзахадон контрактмæ сæ иумæйаг аргъ 15,7 млрд сомы, афтæмæй. Нывылгонд æрцыд республикон бюджеты уæлæмхасæн æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны фæдыл архайд. Республикон къазна æппынæдзух æххæст кæны закъонады домæнтæ. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæйы рæстæг бюджеты хæрдзтæм хъæуы лæмбынæгдæр уæвын æмæ æххæст кæнын социалон къабазы æппæт домæнтæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0