Адæмон фронты активисттæ Дзæуджыхъæуы федтой фæндæгты уавæр

Аватар автора
IRYSTONTV
Раст цыма хъазты хæслæвæрд у, афтæ къуыбыртæ æмæ дзыхъхъыты сæрты хизын. Æмæ бæргæ хъазт куы уаид, фæлæ ацы къуылымпыдзинæдтимæ цæрджытæ æмбæлынц афдзæй-афæдзмæ. Мит куы атайы, уæд цыма асфальт дæр фæцыдæр вæййы, афтæ. Уынгты хицæн хæйтты фæндæгты цалцæг сæххæст кæнын кæм хъæуы, уыцы хыгъд егъау у. Къуырфытæ алы фæзилæны дæр, горæты астæу, фæрсаг уынгты æмæ ма хæдзæртты кæртыты дæр. Охотничий фæрсуынджы цы люк ис, уый цæрджыты уæлдай тынг тыхсын кæны. Арф дзыхъхъ тæссаг у машинæты шофыртæн. Æхсæвыгон уавæр ноджы февзæрдæр вæййы. Æмæ кæд ацы уаццаг зылд кæм вæййы, уыдоны хыгъдмæ хауы, уæддæр дзы ивддзинæдтæ нæй: цæрджытæ сæхи тыхтæй бампъузынц дзыхъхъытæ, фæлæ люкæн сæ бон бакæнын ницы у. Иу аиуварсгæнинаг фарста ма Гæдиаты Цомахъы уынгæй цæхæрадæтты æмхæларад "Дружба"-йæ Ныгуылæн уæлмæрды онг уаццаджы. Ам фæндаг афтæ пырх у æмæ йыл цæуын дæр тæссаг у, къуылымпыдзинад ма хæссы æхсæнадон транспорты æрлæууæн, йæ бынат ахæм ран рауад æмæ цæрджытæн свæййы фæлварæн. Адæмы ныхæстæм гæсгæ, уæлцъары уавæры тыххæй 27-æм маршрутон таксийы шофыртæ ацы фæндæгтæм хæстæг нæ цæуынц. Цæрджыты бахъæуы фистæгæй æндæр уынгтæм ацæуын, цæмæй транспорт æрцахсой. Бынæттонтæ цалдæр хатты фæсидтысты дзуапдæттæг ведомствæтæм уаццаг банывыл кæныны курдиатимæ. Пъланмæ гæсгæ йæ хъуамæ сцалцæг кодтаиккой ивгъуыд аз сæрды, фæлæ куыстытæ афтæ дæр нæ райдыдтой. Бирæтæм хи хæдтулгæтæ нæй, бастдзинад нывыл кæй нæу, уый тыххæй къуылымпыдзинæдтæ ййафынц, уыимæ ма уæлмæрдмæ чи фæцæуы, уыдон дæр. Адæмон...

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0