Тæвд боныхъæд ма Цæгат Ирыстоны ахæсдзæн дыууæ боны

Аватар автора
IRYSTONTV
Цæгат Ирыстоны цæрджыты тыхсын кæны тæвд боныхъæд. Ныр цалдæр боны термометртæ æвдисынц 30 градусы. Æмæ кæд бирæтæн сæрд циндзинад хæссы, уæд иннæтæн та ахæм боныхъæд æвзæрырдӕм ахады се &Фæлæ специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ахæм боныхъæд æнахуырыл намад нæу. Цас ахæсдзысты тæвд бонтæ, уый тыххæй радзурдзæн Гугкаты Иринæ. Фыццаг мæй сæрд йæ тых æххӕстӕй равдыста. Бæрзонд температурæ тыхсын кæны адæмы. Зæгъæм, Мæскуыйы ныр цалдæр боны термометртæ æвдисынц, метеорологийы историйы нырмӕ нысангонд чи не &ахæм бæрæггæнæнтæ. Цæгат Ирыстоны температурæ у 30 градусы. Фæлæ махæн уый æнахуыр тæвдыл нымад нæу, зæгъынц, Гидрометцентры специалисттæ. Ахæм тæвд бонтæ Ирыстоны вæййы алы сæрд дæр. Фæлæ уæддæр тæвд боныхъæд бирæты тынг тыхсын кæны. Уæлдайдæр та, йе &лæмæгъ кæмæн у, уыдоны. Уæдæ адæм арæхдæр агурынц дохтырты æххуыс дӕр. Ӕмӕ уый тагъд æххуысы станцæйы куыстыл фæбæрæг. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй хурмæ бирæ рæстæг чи &уыцы адæмæн райдайынц риссын сæ сæртæ, гæнæн ис, æмæ схиза сæ буары тӕвд дæр. Кæд ахæм симптомтæ исчи йæхимæ ссара, уæд уыдон сты хъæрмдзæф кæнæ хурдзæфы фæстиуджытæ. Ахӕм уавæры, æнæмæнг, хъæуы аууон ранмæ бацæуын, дон бануазын. Афтæтæмæй дæр уавæр æвзæрдæр кæна, уæд хъæуы дохтыртты æххуыс бацагурын. Специалисттæ адæммæ сидынц, цæмæй ахæм тæвд бонты, гӕнӕн куыд ис, афтӕ фылдæр уой сӕ хæдзæртты. Фæлæ уынгмӕ æнæмæнг цӕугӕ кӕд у, уæд, та хъæуы худ дарын, стæй буар дæр гом куыд нæ уа, афтæмæй. Пайда кæнын хъæуы сæрмагонд кремтæй. Ахæм боныхъæд...

0/0


0/0

0/0

0/0