Ансамбль «Алан»

Аватар автора
IRYSTONTV
Адæмон кæфтыты паддзахадон академион ансамбль «Алан» аивадуарзджытæн радон хатт лæвар кæны йæ курдиаты тых. Дыккаг бон Ирон театры уæрæх залы къух бакæнæн нæй. Бынат кæмæ не `рхауы, уыдон разы сты лæууыныл дæр, цæмæй та артистты алæмæты фезмæлд феной. Ахæм бæрæгбон Ирыстоны арæх нæ вæййы, уымæн æмæ «Алан»-ы æхсызгонæй агурынц алы бæстæты. Кæд Ирыстоны кад исчи дунейыл айхъуысын кодта, уæд уый - нæ кафджыты номдзыд ансамбль «Алан». 1938-æм азы йын бындур æрæвæрдта Кокойты Тæтæрхъан. Уæд уал сфæлдыстадон къорд фылдæр заргæ кодта. Кафты ансамбль сси 1966-æм азы, 2 азы фæстæ йæ разамонæг сси Уарзиаты Хадзысмел æмæ уæд къордæн радтой йæ абоны ном дæр. Ныр дæр та ирон театры сценæйыл фæлтæрдджын артисттæ æвдисынц сæ алæмæты курдиат. Тедеты Руслан - паддзахадон ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг: «Нæ программæ фæивтам. Цыппар кафты дзы ног кæфтытæ сывæрдтам. Хадзысмел Варзиевы кафт дæр вæрд æрцыи. Абон у Байаты Альбинæйы гуырæн бон дæр æмæ йын кафт сæвæрдтам «Солнце Осетии» æмæ йæ абон равдисдзыстæм.» 79 азмæ ансамбль гастрольты нæ бæстæйы æмæ Зæххы къорийы цы ран нæ басгæрста, ахæм нал баззад. Æнцондæр, æвæццæгæн, кæдæм нæма фæхæццæ, уый зæгъæн у. Кафджыты схорзæхджын кодтой бирæ æппæтдунеон фестивальты майдантæй, у Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, æппæтуæрæсеон æмæ дунеон конкурсты уæлахиздзау. Иннæ аз та сын у юбилеон. Къорд æм йæхи цæттæ кæны зæрдиагæй. Тедеты Руслан - паддзахадон ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг:«Тынг цæттæ кæнæм нæхи. Уыдзæни нæм бирæ...

0/0


0/0

0/0

0/0