Дзӕуджыхъӕуы кадджын уавӕры лӕвӕрд ӕрцыд "Хетӕгкаты Къостайы" орден

Аватар автора
IRYSTONTV
Дзӕуджыхъӕуы кадджын уавӕры лӕвӕрд ӕрцыд "Хетӕгкаты Къостайы" орден. Уый у бӕрзонд хӕрзиуӕг, ирон ӕвзаг, литературӕ ӕмӕ культурӕйы рӕзтмӕ стыр ӕвӕрӕн бахæссыны тыххæй. Йæ автор — "Аланты Ныхас"-ы Мæздæджы районы хайады разамонæг Гуцаты Фридон. Хæрдзтæ дæр райста йӕхимӕ. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзыстæм, кады нысан сфидар кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл наукон национ-культурон центры ӕмбырды 2023 азы. Ацы аз хорзæхджынгонд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Абайты Васойы хӕдзар-музейы директор Остъаты Мӕдинӕ, Цӕгат Ирыстоны сгуыхт скульптор Дзукъаты Никъала, Гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты директор Хъаныхъуаты Зӕлинӕ ӕмӕ уазнывгæнæг Айларты Оллан.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0