Дзæуджыхъæуы ацыд Æппæтуæрæсеон акци, снысан æй кодтой æдзард хæстонтæн

Аватар автора
IRYSTONTV
Урс хърихъуппыты бон. Дзæуджыхъæуы ацыд æдзард хæстонты номыл арæзт Æппæтуæрæсеон акци. Аив æмæ зæрдæмæдзæугæ маргъы сурæт сарæзта Расул Гамзатов, уый сси алы салдаты удæгас символ.  Уыдон æрмæст гæххæттæй конд фигурæтæ не сты, фæлæ адæмон бузныгады нысан. "Диалог"-ы ахуырдзаутæн радзырдтой бæрæгбоны историйы тыххæй. Æдзард хæстонтæ сæ райгуырæн бынæтты сæрмæ кæй тæхынц, уыцы æрымысгæ цау сæ уæлдай тынг нырхæндæг кодта. Уый фæстæ Тыбылаты Мараты монументы цур сæвæрдтой дидинджытæ, скъола хæссы хъæбатыры ном. Проект сси æхсæнадон змæлд æмæ апарахат дæсгай регионты. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы афæдз патриотон архайдмæ уæлдай æргом здахынц. Мадзаларазæг - Цæгат Ирыстоны слестгæнæн комитет.

0/0


0/0

0/0

0/0