Дзæуджыхъæуы дарддæр иуварс кæнынц Партизанты фæрсуынджы срæмыгъды фæстиуджытæ

Аватар автора
IRYSTONTV
Дзæуджыхъæуы дарддæр иуварс кæнынц Партизанты фæрсуынджы срæмыгъды фæстиуджытæ. Уавæрыл ныхас цыд аппаратон æмбырды. {ЗК} Фехæлд 25 хæдзары, бынаты кусынц техникæйы 70 иуæджы. Пырхыты бынæй систой 20 хæдтулгæйы онг. Æдæппæтæй фыдбылызы хъыгдард баййæфтой 15 адæймаджы, уыдонæй æртæ сты сывæллæттæ, се &тæссаг нæу. Тыхст уавæры ис иу адæймаг. Хъыгдардбаййафджытæ райсдзысты æххуыс 400 мин сомы онг, чи фæмард, уыдоны бинонтæн радих кæндзысты фæйнæ милуан сомы. Ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Республикæйы ацы бонты тæссаг у тæрккъæвдатæй, ранæй-рæтты, гæнæн ис, æмæ цæугæдæтты æмвæзад фæбæрзонддæр уа. Сергей Меняйло бахæс кодта къæвдайы дон æмбырдгæнæнтæ ныссыгъдæг кæнын. Уавæрмæ æппынæдзух ис цæстдард. Ноджы ма иу фарста - Дагестаны цæрджытæн æххуыс. Хæстæгдæр рæстæг республикæ суазæг кæндзæн сыхаг регионы 100 сывæллоны. Фæсивæдæн бацæттæ кæндзысты культурон программæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0