транскам

Аватар автора
IRYSTONTV
Транскамы дарддæр цалцæг кæнынц фæндаджы 23 километры хай. Ныртæккæ куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Рацарæзт сæрмагонд проектмæ гæсгæ райдыдта ивгъуыд аз. Ныридæгæн, раивдтой фæндаджы уæлцъар. Уыимæ ма фæуæрæх кодтой фæндаджы ацæуæнтæ дæр. Фæндаггон службæтæ аразынц 1 километрæй фылдæр быцæу къултæ, тауынц ыл сеткæ. Афтæмæй, ахæм мадзæлтты руаджы фæндаг бахъахъхъæнæн ис дурты æмæ доны лæбырдтытæй. Фæндаггон æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнынæн, специалисттæ 21 километры ифтонг кæныныц æфсæн бырутæй æмæ русхдæттæн нысантæй. Фæткмæ гæсгæ, кустытæ хъуамæ фæуой 2020-æм азмæ. _ Мы рядом в:

0/0


0/0

0/0

0/0