Поделиться в MAX

Дзӕуджыхъӕуы 15-æм скъолайы сарӕзтой антитеррористон ахуыртӕ

Аватар автора
Ног ахуыры азы агъоммæ уæлдай ӕргом здахынц сывӕллӕтты ӕдасдзинадмӕ. Дзӕуджыхъӕуы 15-æм скъолайы сарӕзтой терроризмы ныхмæ ахуыртӕ. Специалисттӕ бакуыстой архайды пъланыл. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, бæстыхай бацахста террористон къорд, уый фӕстӕ та ӕрцыд зынгсирвӕзт. Скъолайы разамынд уайтагъд фӕдзырдта æнæнхъæлæджы уавæрты службӕтӕм. Бынаты куыстой Мидхъуыддæгты министрады, Ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады, Фӕндагон-патрулон службӕйы, стӕй Росгвардийы дӕлхайӕдтӕ. Хӕс сӕххӕст кодтой ӕнтыстджынӕй. Æрымысгæ зынгсирвӕзт ахуыссын кӕнын ӕмӕ амынӕты уӕвджыты фервæзын кæнын къухы бафтыд. Ахӕм тренировкӕтӕ скӕнынц æппынӕдзух.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0