Ногиры хидæн сцæттæ йæ 60%

Аватар автора
IRYSTONTV
Республикæйы, æвæццæгæн, иу ахæм шофыр дæр нæй, ацы объекты арæзтадмæ чи не ’нхъæлмæ кæсы. Ногиры фидæны хидæн фидар бындур ныридæгæн лæууы 6 цæджындзыл. Былгæронмæ хæстæг æвæрд кæцы у, ууыл нырма ацархайын хъæуы. Специалисттæн фыццаг æмæ фæндзæм хаймæ хъавантæ бадæттын сæ бон нæу. Зæронд канализаци сæ хъыгдары. Ис тæссаг уавæры. Раздæр хæтæлтæ цыдысты стратегион нысаниуæгимæ объекты галиуварс. Ныр та уыдзысты рахизы & Канализаци галиу фарсæй хъæудзæн рахизы &раивын. Куыддæр былгæроны цæджындзтæм бавналæн уа, афтæ æнцойгæнæнтæ дарддæр аразын райдайдзысты. Участочы хицау Кокуаты Эрикы ныхасмæ гæсгæ, коммуникацитимæ архайд æппæты зындæр у. Газы, дондзæуæн æмæ электрон тыхы хызтæ ног хуызы рацаразын. Куыстытæ æххæстгæнæн организацийы минæвæрттæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй Ногиры хидæн сцæттæ йæ 60%. Ног хиды фæтæн уыдзæн 18 метры, йæ дæргъ та – 136 метры. Уыдзæн æм дыууæрдыгæй бацæуæнтæ, йæ кæрæттæ æхгæд уыдзысты гæрæнæй, уыдзæн дзы рухсытæ конд æмæ фистæгцæуджытæн фæндаг. Сараздзысты фыдбылыз ма ’руадзынæн мадзæлттæ. Цæмæй бæлццæттæ мацы къуылымпытæ æвзарой, ууыл бæстонæй архайдзысты. Ногиры хидæн ныр донивылдтæ ницы тас уыдзысты, фидарæй зæгъынц арæзтадон фæзыл. Раздæр ахæм объекттæ арæзтой æнæ цæджындзтæй. Ныр архайд фæивта. Алы фидаргæнæн конструкци дæр арæзт у 14 цæджындзæй, кæцытæ зæххы бынмæ ныссагътой 20 метры. Специалисттæ зæгъынц, объект хъуамæ хæрзхъæд æмæ æдас уа. Куыд зонæм, афтæмæй 2023-æм азы дон раивылд æмæ Ногирмæ хæстæг Терчы доны сæрты хид фехæлдта.

0/0


0/0

0/0

0/0