90 псалом иронау. На осетинском языке.

Аватар автора
Волшебство молитвенных слов
Бӕрзонд Хуыцауы агъуысты бын чи цӕры,       уый Ӕппӕтхъомысы аууоны ссары ӕнцой,  Зӕгъы Дунедарӕгӕн: «Ды мын хъахъхъӕнӕг       ӕмӕ фидар дӕ, мӕ Хуыцау –       Ууыл дарын мӕ зӕрдӕ!»  Уый дӕ бахиздзӕн цуáнгӕнӕджы сáхсӕнӕй,       мӕлӕт хӕссӕг рынӕй.  Йӕ систӕй дӕ бамбӕрздзӕн,       ӕмӕ Йӕ дӕлбазыр уыдзынӕ ӕдас;       Йӕ ӕнувыд – дӕ уарт ӕмӕ дӕ фидар.  Нӕ фӕтӕрсдзынӕ ӕхсӕвы фыдбылызӕй,       тӕхгӕ фатӕй боныгон,  Талынджы ӕрбахъуызӕг рынӕй,       ӕмбисбон бынгӕнӕг низӕй.  Мингӕйттӕй ӕрхаудзысты дӕ цуры,       дӕсгай минтӕй – дӕ рахиз фарс,       дӕумӕ та не &уыдзӕн.  Ӕрмӕст кӕсдзынӕ ӕмӕ дӕхи цӕстӕй фендзынӕ,       фыдлӕгтӕ аккаг ӕфхӕрд куыд баййафдзысты, уый.  Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы сӕвзӕрстай дӕхицӕн сӕрылхӕцӕгӕн;       Бӕрзонд Хуыцауы равзӕрстай цӕрӕн бынатӕн.  Фыдбылыз не ‘рцӕудзӕн дӕуыл,       бӕллӕх дӕ хӕдзармӕ не ‘рбахӕстӕг уыдзӕн,  Уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕн –       дӕ алы фӕндагыл дӕр хъахъхъӕндзысты дӕу.  Сӕ къухтыл дӕ ахӕсдзысты,       ӕмӕ дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ.  Маргджын калмыл ӕмӕ домбайыл алӕгӕрддзынӕ,       дӕ къӕхты бын ныккӕндзынӕ тыхджын домбайы       ӕмӕ залиаг калмы.  Хуыцау зӕгъдзӕн: «Уый бауарзта Мӕн,       ӕмӕ йӕ бахиздзынӕн;       бахъахъхъӕндзынӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ уый       базыдта Мӕ ном.  Сдзурдзӕни Мӕм, ӕмӕ йӕ фехъусдзынӕн,       йӕ фыдбоны уыдзынӕн йемӕ;       бахиздзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ скадджын кӕндзынӕн.  Бафсаддзынӕн ӕй бирӕ цӕргӕбонтӕй       ӕмӕ йын раргом кӕндзынӕн Мӕ ирвӕзындзинад».

0/0


0/0

0/0

0/0