Национ проект "Экологи"-йы нысæнттæ сæххæст кодтой

Аватар автора
IRYSTONTV
Национ проект "Экологи"-йы нысæнттæ сæххæст кодтой. Уый «мусорная реформа», цы хонæм, уыимæ баст хъуыддаджы. Бæстæйы ныридæгæн цардыуаджы хацæуæццæгты 56% хуызтæм гæсгæ æвзарынц, 14% — бахауынц утилизацийы. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости, Уæрæсейы æрдзон æвæрæнты министрады сæргълæууæджы хæдивæг Денис Буцаевы ныхæстыл æнцайгæйæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, национ проекттæ снысан кодтой президенты бардзырдмæ гæсгæ 2018-æм азы. "Экологи" кæронмæ сæххæст кодтой фарон. Апрелы Владимир Путин бабар кодта 600 миллиард сомы бæрц рахай кæнын ноггонд нацпроект "Экологическое благополучие"-йы мадзæлттæн. Сæйраг нысан у, цæмæй 2030-æм азы онг хъæбæр хауæццæгты 100% æвзæрст æрцæуа. Полигонтæм цы бырон æрвитынц, уымæн йæ бæрц фæкъаддæр кæнын 50% онг.

0/0


0/0

0/0

0/0