«Кавдоломит» куыстуаты цæттæ сты кондады бæрц фылдæр кæнынмæ

Аватар автора
IRYSTONTV
Куыстуат «Кавдоломит» йæ продукцийæ ифтонг кæны Уæрæсе, Украинæ, Белорусси, Азербайджан æмæ Казахстан. Йæ продукцийы хæрзхъæддзинад зæрдæ `хсаинаг нæу. Стыр аргъ йын кæнынц суанг Европæйы дæр. Куыстуаты архайынц кондады бæрц фæфылдæр кæныныл. Фæлæ, фæстаг рæстæг къуылымпыдзинæттæ дæр ййафынц. Бæлвырддæр куыстуаты тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Доломит цыппар-фондз метры онг куы скъахынц, уæд дзы æрзæткъахæнтæ аразын райдайынц. Сæвæрынц дзы рæмудзæн æрмæг. Дарддæр та дуры сæстытæ эскалатортæ аласынц цехмæ. Уым сæ лыстæг кæнын райдайынц. Кусынц сыл цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ. Иу дуры ас у иу кубон метр. Лыстæг кæныны агъоммæ уал дуртæ бæстонæй ссыгъдæг кæнынц. ОАО «Кавдоломит»-ы сæйраг инженер Мæхъиты Дзамболат: «Сахатмæ бакусынц 400 тоннæимæ. Цехы ис 9 кусæджы. Дуртæ лыстæг кæнынц. Ис нæм æмбæлгæ кусæнгæрзтæ дуртæ хъæугæ йасы онг ныллыстæг кæнынæн». Дуртæ бынтон лыстæг кæнын куы фæхъæуы, уæд та пайда кæнынц мæнæ ацы лыстæггæнæн кусæнгарзæй. Æппæты даргъдæр дур вæййы 25 сантиметры. Ацы цехы куыст у автоматикон. Сахатмæ дзы рацæуы 120 тонны онг дур. Уый фæстæ сæ аласынц горæтгæрон цехмæ. Уым семæ дарддæр бакусынц. Æртыккаг къæпхæны дуртæй рауайы доломитæй арæзт ссад. Йæ ас у 20 миллиметры. Ссад ныххус æмæ ссыгъдæг кæнынц. Стæй йæ куыройы бассынц. Доломитæй пайда кæнынц авг уадзгæйæ, арæзтадон куыстыты æмæ фæндæгтæ аразгæйæ. «Кавдоломит» йæ æрмæгæй ифтонг кæны Уæрæсе, Украинæ, Белорусси, Азербайджан æмæ Казахстаны стырдæр куыстуæттæ. Йæ кусджытæ куыд зæгъынц...

0/0


0/0

0/0

0/0