Дзæуджыхъæуы 41-æм скъолайы æрбахуыдтой ныййарджыты

Аватар автора
IRYSTONTV
Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн республикæйы къуырийы дæргъы цы мадзæлттæ аразынц, уыдонæй иу ацыд Дзæуджыхъæуы 41-æм скъолайы Æрбахуыдтой ныййарджыты. Бæрæгбоны кадджын уазæг — æхсæнадон змæлд "Иудзинад"-ы æвзæрст лæг Туаты Алан. Фæсивæдæн амыдта ирон фынджы æгъдæуттæ. Ахуырдзаутæ та радон хатт зæрдыл æрлæууын кодтой не &бындуртæ, нæ герб æмæ тырысайы нысаниуæг. Кæстæркъласонтæ кастысты æмдзæвгæтæ, зарыдысты, цагътой музыкалон инструменттыл, кафыдысты. Хицæнæй фæнысан кодтой Стыр Уæлахизы 80 аз. Бакастысты нæ хæстон фысджыты уацмыстæ.

0/0


0/0

0/0

0/0