Гаглойты Владимиры комеди «Нæ фехъуыстон ма зæгъ» ы премьерæ

Аватар автора
IRYSTONTV
Гæнæн ис, æмæ ныр дæр нæма фæцис. Ирон театры ацы сахат цæуы Гаглойты Владимиры пьесæмæ гæсгæ `вæрд спектакль «Нæ фехъуыстон ма зæгъ»-ы премьерæ. Сæвæрдтой йæ 2-æм хатт. Йæ фыццаг премьерæ уыдис суанг 1980-æм азты. Уæд дзы сæйраг рольтæ ахъазыдысты Годжыцаты Исахъ, Саламты Къола, Дзгойты Аллæ æмæ бирæ æндæр зындгонд артисттæ. Спектакль ластой хъæутæм дæр, равдыстой йæ Хуссар Ирыстоны. Абон дæр театры аивадуарзджытæй къух бакæнæн нæ уыд. Комедийы адæмы хъæлдзæг дардта æмæ сын сæ зæрдæтæ барухс кодта. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ спектакль сценæйыл сæвæрдта Цæгат Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары сгуыхт артист, режиссер Уалыты Геор. Йæ курдиатмæ гæсгæ, Дзгойты Аллæ ногæй ракъахдзæф кодта сценæмæ. _________________________ Мы рядом в:

0/0


0/0

0/0

0/0