Къæбысты Филипп сси æппæтадæмон конкурсы уæлахиздзау

Аватар автора
IRYSTONTV
Кæд иттæг хорз равдыста йæхи, уæддæр фыццаджыдæр рæдыдтытыл куыст. Æрмæст афтæмæй фидæны схиздзæн ноджы уæлдæр къæпхæнтæм. Профессионалон дæсныдзинады æппæтадæмон конкурс ProfSkills Belarus 2025-ы уæлахиздзау Къæбысты Филипп йæ разамонæгимæ бæстон кæсынц йæ конд дзаумамæ. Конкурсмæ цæттæ кæнгæйæ ацы æрмадзы æрвыстой бирæ рæстæг. Чемпионаты хæслæвæрд рагагъоммæ зыдтой. Фæлæ уæддæр æнцон нæ уыд, фæстагмæ дæр ма йæм цавæрдæр ивддзинæдтæ бахастой. Бынаты нысангонд рæстæгмæ раст сарæхсын æмæ зын хæслæвæрд баххæст кæнын алкæй бон нæ суыдаид. Фæлæ Филипп разынд хуыздæр. Хæслæвæрд та уыд нысангонд технологимæ гæсгæ цыппар уырдыгимæ хæдзары сæр скæнын. Фæлтæрдджын жюри алы лыстæгдзинадмæ дæр бæстон каст: хæрзхъæддзинад, конструкцийы ас, кæронбæттæн сарæзт æмæ æндæртæм. Фæсивæд иууылдæр сæрæн уыдысты. Мин архайæджы æмæ эксперты Белорусси, Уæрæсе æмæ хæстæг фæсарæнтæй. Филипп равдыста бæрзонд дæсныдзинад, фæсте фæуагьта йæ китайаг ныхмæлæуджыты дæр. Филипп республикæйы ном бахъахъхъæдта. Æвзонг лæппу раззагдæр бынат райста "Хъæддæсныйы куыст" номинацийы. Ацы ерыстæ йын фыццаг нæ уыдысты. Филипп бирæ хæттыты хуыздæр уыд профессионалон дæсныдзинады æркаст "Профессионалы"-йы. Ивгъуыд аз Уæрæсейы чемпионаты райста æвзист, ацы аз та сси сызгъæрины аккаг. Лæппуйæн алы къæпхæны дæр йæ фарсмæ уыд фæлтæрдджын разамонæг, сæрмагондæй йæ фæхуыдтой Петербургæй. Æрыгон нæлгоймаг сахуыр кодта программистыл æмæ ныр йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæны Æрыдоны колледжы "Профессиональное обучение"...

0/0


0/0

0/0

0/0