Дзгойты Маринæ фæуæлахиз Æппæтуæрæсеон конкурсы къæпхæны

Аватар автора
IRYSTONTV
Афтæ æхсызгонæй Дзгойты Маринæйыл сæмбæлдысты йæ уарзон Беслæны 5-æм рæвдауæндоны. Ахуыргæнæг "Мадæлон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг" конкурсы номинаци "Мадæлон æвзаджы хуыздæр хъомылгæнæг"-ы бацыд 15 раззагдæр архайæджы хыгъдмæ. Æппæтуæрæсеон къæпхæн ацыд Бурятийы. Æркасты архайджытæ уыдысты бæстæйы алы регионтæй - æдæппæтæй 120-æй. Алыхуызон фæлтæрæнты равдыстой сæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæдтæ. Маринæйы цæттæдзинад уыд бæрзонд æмвæзадыл. Се &æнтыстдзинадыл рæвдауæндоны фæцин кодтой. Конкурсты архайын Маринæйæн ногдзинад нæу. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, педагог хъуамæ æппынæдзух архайа йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæныныл. Йæ куысты спайда кæны ног методикæтæй, йæ куысты бындур арæзт у ирон æвзагыл, цæмæй сывæллæттæ иронау дзурой. 9 азы кусы Маринæ хъомылгæнæгæй. Йæхæдæг сабийæ ирон æвзагыл фыста æмдзæвгæтæ æмæ аргъæуттæ. Активонæй архайдта конкурсты, арæх иу сси уæлахиздзау. Сфæлдыстад сси сæйраг фæрæз хъомылгæнæджы куысты. Йæхæдæг куыд зæгъы афтæмæй иу бон дæр нæ фæфæсмон кодта йæ равзæрст фæндагыл. Разы дзы сты йæ разамонджытæ дæр. Беслæны сывæллæтты 5-æм рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ арæх фæархайын алыхуызон ерысты. Алкæддæр вæййынц раззагдæрты &Æппынæдзух фылдæр кæнынц сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Сабитимæ куысты та уый ахсджиаг у.

0/0


0/0

0/0

0/0