Хабæрттæ// 2024/ 30 октября
irystontv
Социалон инфраструктурæйы объектты арæзтад у хицауады оргæнты иумæйаг хæс. Уый тыххæй ма бæрнон кусджыты зæрдыл иу хатт æрлæууын кодта Сергей Меняйло сæрмагонд æмбырды рæстæг. «Æнæ арæнтæй дуне» æрбангом кодта 200 спортсмены. Манежы ацыд се 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмы 'хсæн Спартакиадæ. Ерыс кодтой алыхуызон дисциплинæты. Трамвай у горæты цæрджыты уарзондæр æхсæнадон транспорты хуыз. Дзæуджыхъæуы сын сæ фæндæгтæ хъæуы бындуронæй рацаразын. Кæцыдæр бынæтты рельсытæ 50 азæй фылдæр нæ ивтой. Уаццæгтæ æдасдзинады домæнтæн дзуапп нæ дæттынц.