Дзæуджыхъæуы зæронд релсытæ хъæуы рацаразын
irystontv
Пожарскийы æмæ Павлик Морозовы уынгты &уаццаг нымад у зындæртæй иуыл. Рельсытæ дзы сæвæрдтой 50 азы размæ, уæдæй абонмæ заууатмæ æрцыдысты. Специалисттæ бæстонæй архайынц, куыстытæ хъуамæ уазæлтты размæ фæуой. Горæты цæрджыты хъæуы фæндаггон фыдбылызтæй бахизын. Фæстаг рæстæг ноджы арæх æрцæуынц. Уымæн алыхуызон аххосæгтæ ис, фæлæ сæ фылдæр рауайынц трамвайты тагъдады тыххæй. Ногтæ - дзæвгар цыддæр сты, шофыртæ та зæрæдтыл сахуыр уæвгæйæ, арæх сæ разæй агæпп кæнынц, æхсæнадон транспортæн фæндаг нæ раттынц, афтæмæй. Фæндаггон змæлды уæззау уавæр ма къуылымпы кæнынц рельсыты хуыз. Специалисттæ бæстонæй архайынц. Фæлæ горæты æфсæнвæндæгтæ хъæуы бындуронæй рацаразын. Дзæуджыхъæуы ис 28 ног трамвайы, фæлæ дзы линимæ рацæуы æрмæст 14. Сæ хъомыс фылдæр кæй у, уый тыххæй дæлстанцæтæ не &рельсытæ та домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Афтæмæй, ма къуылымпыдзинæдты халмæ бафтыд транспортмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын кæй бахъæуы, уый. Бæлццæттæ хъаст кæнынц. Куыст фæхуыздæр кæндзысты æрæджы горæты фæндæгтыл цы ног хæххытæ фæзынд, уыдон. Нысан кæнынц хæдтулгæты шофыртæ трамвайты бæлццæттæн рахизынмæ æмæ схизынмæ фæндаг кæй хъуамæ дæттой, уый. Тротуарæй райдайы æмæ хæстæгдæр рельсытæй фæвæййы. Уый адæмæн æмбарын кæны, кæм бауромын хъæуы, цæмæй фыдбылыз ма æрцæуа, уый тыххæй. Специалисттæ ма зæрдыл лæууын кæнынц, хæдтулгæйыл цæугæйæ къæрцхъус уæвын кæй хъæуы, уый. Фæндагыл алцыдæр рауайы, уымæ гæсгæ хъæуы цæттæ уæвын. Уыимæ ма горæты рельсытæ ивыны фарста иуварсгонд кæй нæу, уымæ гæсгæ. Уæдмæ та...