Центр \"Альтаир\"-æн ис йæхи командæ \"Барс\"

Аватар автора
irystontv
Старты размæ карт, æнæмæнг, фенын хъæуы. Уый у хуымæтæг тагъддзу гом хæдтулгæ. Картингы хæдтулгæйы шофыры хонынц – тæхæг. Уый ацæуыны размæ схъарм кæны машинæйы змæлынгæнæг. Фены цæлхыты æмæ рæхысы æмæ уавæр. Профессионалон хæдтулгæйы хуызыты уавæртæ ахсджиаг не сты, сæйрагдæр у йæ тагъдад. Раст архайдæй аразгæ у аппарат кæцырдæм фæзидзæн, уый. Дыууадæсаздзыд Георгийæн æххуыс кæны йæ фыд. Саутæты Виктор цырд архайд йæхæдæг дæр уарзы. Куыд дзуры, афтæмæй йæ фырт дæр тагъдадæн стыр аргъ кæны. Георгийæн йе стырдæр фæнд у мотоскъæжрджыты &сæйрагдæр чемпионат "Формула-1"-ы бацархайын. Ам фыццаджыдæр кæстæртæн амонынц фæндаггон змæлды домæнтæ. Цæгат Ирыстоны командæ "Барс" у иунæг профессионалон къорд. Спортсменты æнæ экипировкæйæ трассæмæ нæ рауадзынц. Æппæт хæйттæ дæр сæрст сты сæрмагонд буаргъæдæй. Уый цæмæй хæдтулгæ ма ссудза. Картингæй архайын аслам хъуыддаг нæу. Йæ гæрзтыл бахардз вæййы 200 мин сомы онг. Ацы карты тагъдад сахатмæ у 100 километры. Йе пилот фынддæсаздзыд лæппу Максим Московченко. Афтæ тагъ скъæрын йæ бон у спорты адзух чи архайы, уымæн. Спортсмен куыд зæгъы, афтæмæй буар иууылдæр бафæллайы. Æрмæст куыд тагъд тæхыс, ууыл хъуыды кæнын нæ хъæуы. Ам афтæ фæдзурынц, зæгъгæ, карт уарзы ныфсдджын скъæрджыты. Фæсивæд архайынц сывæллæты курдиат рапарахат кæныны центр "Альтаир"-ы базæйы бындурыл. Национ проект "Ахуырад"-мæ гæсгæ ахуыртæ цæуынц лæвар. Картинг куыд спорты хуыз ахуыр кæны хæдбарадыл. Скъæрæг хъуамæ хорзх æмбара, йæ хæдтулгæ куыд арæзт у, уый. Уымæй...

Скачать Видео с Дзена / Dzen

Рекомендуем!

0/0


0/0

0/0

0/0