Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты ерыстæ мотоспортæй

Аватар автора
irystontv
Архайджытæм æнхъæлмæ кæсынц цæхгæр фæзилæнтæ, дуртæ, къалиуты сæстытæ æмæ æндæр къуылымпыдзинæдтæ. "Эндуро" мотоциклтæ арæзт сты æвæндагæн. Техникон æгъдауæй дзуапп дæттынц æппæт домæнтæн. Сты фидар, спортсментæ сыл сæ зæрдæ дарынц, сæ скъæрджытæ трассæйыл æвдисынц сæ арæхстдзинад. Уыдон æрцыдысты бæстæйы æппæт регионтæй. Ерысты размæ уал сæхи бацæттæ кæнынц æмæ кæд кæрæдзийы ныхмæ лæууынц, уæддæр сты цæстуарзон. Алчидæр сæ тырны æнтыстджын суæвынмæ. Алцыдæр арæзт у бæрзонд æмвæзыл. Скъæрджытæ лæууынц æхгæд парчы. Уый сарæзтой барæй, цæмæй кæрæдзи ма хъыгдарой æмæ ма уымæй ахсджиагдæр та цæмæй мотоциклтæ ма сæмбæлой. Ерыстæй минут раздæр æфсæн бæхты ратæрынц сæрмагонд хаххмæ. Кетойты Гермæн мотоспорты нырма æрæджы архайын райдыдта. Фæлæ йæм ныридæгæн ис уæлахизтæ. Фæнды йæ ацы спорты дарддæр архайын æмæ ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ райсын. Уæдæ Дмитрий Давидовский та ацы спорты ис ныр 15 азы. Ис æм хи мотоциклты бренд "Эндуро". Арæх мотокросс æмæ эндуро хæццæ фæкæнынц, фæлæ спортивон стандарттæм гæсгæ эндуро у нымад классикон хуызыл. Хицæн та кæнынц мотоциклты арæзтæй. Эндуройæн йæ артаджы бак у стырдæр цæмæй дæргъвæтин дистацийыл артаг фаг кæна. Мотобайкæн та йæ артаджы бак у хумæтæг. Цæуы дзы æрмæстдæр 7 литры. Мотокросс у цымыдиссаг спорты хуыз. Бакæсынмæ йæм æрбацæуы бирæ адæм. Сæ фылдæр æгас бинонтæй. Афтæмæй мотоциклтæм уарзондзинад фæзыны æрыгонæй. Фæстæдæр та свæййы царды нысан. Цæгат Ирыстоны мотоспортæн ис хъæздыг традицитæ. Нæ спортсментæ рамбулынц алы къæпхæны...

Скачать Видео с Дзена / Dzen

Рекомендуем!

0/0


0/0

0/0

0/0