Кодзырты Светланæ 2004-æм азы бахауд Беслæны фыццæгæм скъолайы теракты.
irystontv
◼️ Кодзырты Светланæ 2004-æм азы бахауд Беслæны фыццæгæм скъолайы теракты. ⚫️ Райдиан кълæсты ахуыргæнæг уыцы райсом тагъд кодта йæ уарзон сабитæм, фæлæ æхсызгон æнкъарæнты бæсты ныр йæ зæрдæйы бирæ азты ис æрмæст æнкъард мысинæгтæ. ⚫️ Иу агъуысты — мин адæймагæй фылдæр. Тæвды æнæ хæринаг æмæ донæй, катайы æмæ тасы. Афтæмæй арвыстой фыццаг бон. ⚫️ Сылгоймаг куыд радзырдта, афтæмæй дыккаг бон адæмæн сæ ныфс сæттын райдыдта. Хистæртæ хъуыды кодтой æрмæст сабитыл. ⚫️ Дунейы æбуалгъдæр террористон акт ахаста 334 адæймаджы уды. Кодзырты Светланæйы цард та дыууæ дихы фæцис. Теракты фæстæ ма ахуыргæнæг скъолайы фæкуыста 14 азы. ⚫️ Цыппар азы размæ райдыдта Беслæны культурæйы галуаны чиныгдоны кусын, ныртæккæ у йæ разамонæг. #Мыпомним