Абон Булкъаты Михалы райгуырдыл æххæст кæны 95 азы
irystontv
✍️Зынгæ ирон фыссæг Булкъаты Михалы райгуырдыл абон æххæст кæны 95 азы. Райгуырд 1928 азы Къахеты. Калачы сахуыр кодта æфсæнвæндаджы инженерыл. 💫Йæ уд снывонд кодта аивад æмæ Фыдыбæстæйæн. Царды бирæ зындзинæдтæ федта, фæлæ хъысмæтæн басæттын нæ бакуымдта. 📰Журнал "Фидиуæджы" йæ фыццаг уацмыстæ мыхуыры рацыдысты 1961 азы. Йæ хуыздæр историон романтæ "Теркæй-Туркмæ", Дæ фыдæлтæ - рухсаг", "Нарты Сосланы æвдæм балц", "Сырх хъаймæт" æмæ æндæртæ. ✨Фыссæджы ном æрымысыдысты Дзæуджыхъуы, Фæсивæдон чиныгдоны. Мадзалмæ æрбамбырд сты ирон интеллигенцийы æмæ рæзгæ фæлтæры ирд минæвæрттæ.