Хицауады сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта «WorldSkills»-ы æрмадзтæ
irystontv
Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон колледжы сарæзтой уавæртæ «WorldSkills» дыууæ компетенцитæн: «Ресторанный сервис» æмæ «Амалхъомад». Æрмадзтæ аразынц нацпроекты фæлгæты. Дзуапп дæтдзысты нырыккон домæнтæн. Федералон æмæ республикон бюджеттæй уымæн рахай кодтой 61 млн сомы.