Зæхкусджытæ паддзахадæй уæлæмхасæн æххуыс райсдзысты 25 миллиард сомы
irystontv
Уалдзыгон тауæн рæстæг — æнæ къуылымпытæй. Уый тыххæй хицауад снысан кодта сæрмагонд мадзæлттæ. 25 млрд сомы уæлæмхасæн рахай кæндзысты льготæйы хуызы кредиттæн. Фермертæн дзы спайда кæныны фадат уыдзæн афæдзы æмгъуыдмæ. Æхцайы фæрæзты фæрцы хъæууон хæдзарады къабазы архайджытæн уыдзæн цыбыр рæстæгмæ кредит райсыны фадат. Йæ льготæйы бæрц æмткæй райсгæйæ — 150 млрд сомы бæрц. Афтæмæй, самал кæндзысты минералон хъацæнтæ, зайæгойтæ хъахъхъæнæн фæрæзтæ, артаг æмæ тауинæгтæ. Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй субсиди райсынвæнд чи кæны уыцы зæкусджыты нымæц чысыл нæу. Дзуапдæттæг министры фыццаг хæдивæг Къусраты Аланы ныхæстæм гæсгæ уалдзыгон куыстытæм аграритæ цæттæ сты. Къусраты Алан ма куыд радзырдта, афтæмæй 12 млрд сомы паддзахад рахай кæндзæн техникæ льготон хуызы исыны программæйæн. Уый руаджы зæхкусджыты къух хъуамæ фæрогдæр уа. Уæлдайдæр тыхст рæстæг. Æхцайы фæрæзтæй райсæн уыдзæн ног техникæ, стæй заууат кусæнгарз ногæй баивын. 2 млрд æмæ 500 милуаны паддзахад рахай кæндзæн дзулфыцджытæн æххуысæн. Компенсаци райсдзысты дзулы аргъыл чи нæ &уыцы куыстуæттæ. #alania