Къæлхидты Эльвирæ 30 азы дæргъы сывæллæтты æмхиц кæны ирон æвзагмæ
irystontv
Къорд азы дæргъы Цæгат Ирыстоны расидынц ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты республикон æркаст. Йæ аразджытæ - республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ Ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институт. Фæархайынц дзы нæ республикæйы скъолаты дæсныдæр ахуыргæнджытæ. Ацы аз æркаст ацыд дыууæ къæпхæнæй. Фыццаг хайы конкурсанттæ фæсаууонмæ равдыстой, мадæлон æвзаг сæ царды цы бынат ах