Ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырдыл сæххæст 140 азы
irystontv
Ирон адæмы зæрингуырдтæй иу – Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырдыл абон сæххæст 140 азы. Ирд фæд ныууагъта канд литературæйы нæ, фæлæ театралон аивады, æмæ æгас ирон культурæйы дæр. Йе сфæлдыстады хæзнатæ кæддæриддæр уыдзысты фæндагамонæг æмæ зондхæссæг ирон адæмæн. Драматурджы райгуырды бон сбæрæг кодтой йæ уарзон хъæуы.